Хъуысаты Садреттин арвыста Гаглойты Аланæн æнцойы ныхæстимæ тел августы хæсты афæдзы боны фæдыл

пт, 08/08/2025 - 21:41
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин арвыста Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæн æнцойы ныхæстимæ тел 2008 азы августы хæсты 17-æм афæдзы боны фæдыл
Арфæйы телы дзырдæуы:

«Фашистон Гуырдзыстоны æфсад 2008 азы августы æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. Абон у уыцы хæсты 17-æм афæдзы бон. Гуырдзиаг хæстонтæ ныццагътой мингай адæмы, ныппырх кодтой Цхинвал. Фæлæ ирон адæм хъæбатырæй тох кодтой фашистон Гуырдзыстоны ныхмæ æмæ йын аккаг ныхмæлæуд радтой.

Ацы хæсты йæ цард чи снывонд кодта йæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, уыцы хъайтартæй мах сæрыстыр стæм æмæ сæ фæрцы абон мах цæрæм хæдбар Хуссар Ирыстоны.

Турчы цæрæг ирæттæй дæр рох не сты уыцы трагедийы бонтæ. Мах никуы ферох кæндзыстæм нæ зынгхуыст хъайтарты нæмттæ дæр.
Мах Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмимæ æмвæнд æмæ иузæрдион уыдзыстæм кæддæриддæр.

Ничи ферох-ницы ферох. Æнусты дæргъы цæрæд хæдбар Хуссар Ирыстон».

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest