Президенты арфӕ ирон адӕмӕн Уастырджымӕ кувӕн бонты цытӕн

вс, 16/11/2025 - 11:20
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ирон адӕмӕн Уастырджымӕ кувӕн бонты цытӕн⁣⁣:⠀
⁣⁣⠀
Зынаргъ æмбæстæгтæ!⁣⁣⠀
⁣⁣⠀
Æппæт зæрдæйæ уын арфæ кæнын ирон адæмы иууыл кадджындæр бæрæгбон – Уастырджымæ кувæн бонты цытæн. Стыр Уастырджы у ирон адæмы уæларвон сæрхъызой æмæ æххуысгæнæг уæд махæй алкæмæн дæр.⁣⁣⠀
⁣⁣⠀
Уастырджыйы ном табуйаг у алкæцы ирон хæдзары дæр, æмæ йæм æнусты дæргъы куывтой нæ фыдæлтæ. ⁣⁣⠀
⁣⁣⠀
Абоны бон мах уæлдай тыхджындæр хатæм æмæ æнкъарæм, æнæмæнгæй нæ иудзинад кæй хъæуы, уымæн æмæ нæ Фыдыбæстæйы фидæн у нæ иумиаг бæрндзинад. ⁣⁣⠀
⁣⁣⠀
Стыр Уастырджы нын æххуысгæнæг уæд, цæмæй Ирыстоны дарддæры райрæзты фæндагыл æнтыстджынæй цæуæм æмæ нæ разы лæууæг хæстæ сæххæст кæнын нæ къухы фæрнæй бафта. Дарддæр дæр арфæ кæнæд нæ адæмæн, нæ зæххæн, йæ цæст нын бауарзæг сабырад, фидыдад, хуыздæр сомбон. Нæ бинонтæ, нæ хъæбултæ, нæ хæстонты нын йæ сыгъзæрин базыры бын бакæнæд æмæ сæ алы фыдбылызæй бахизæд! ⁣⁣⠀
⁣⁣⠀
Сæрмагонд хæстон операцийы нын цы хæстонтæ исынц хайад, уыдон уæлахиздзаутæй, сæрæгас æмæ æнæнизæй цы æрыздæхой сæ райгуырæн бæстæ æмæ сæ бинонтæм, уыцы хорзæх нын скæнæд Стыр Уастырджы!⁣⁣⠀
⁣⁣⠀
Хъæлдзæг, æнæниз æмæ амонджжын ут!

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest