Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæ Ирон æвзаджы боны цытæн

пт, 15/05/2026 - 09:00
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Ирон æвзаджы боны цытæн!

Ирон æвзаг у, нæ фыдæлтæй нын чи баззад, уыцы зынаргъ хæзна, национ культурæ æмæ удвæрнон хиæмбарынады бындур. Йæ мидæг сты истори, фыдæлты куырыхондзинад æмæ ирон лæджы хъару.

Абон нæ иумæйаг хæс у нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын, йæ райрæзтæн алыварсон уавæртæ аразын, ахуырад, литературæ, культурæйы райтынгæн ахъазгæнæг æмæ æхсæнады мидæг ирон дзырды бынат сфидар кæнынæн æххуысгæнæг хъæппæристы фарсмæ балæууын.

Уæлдай ахсджиаг у, цæмæй рæзгæ фæлтæр сæрыстырæй дзурой нæ мадæлон æвзагыл, зоной нæ истори æмæ æгъдæуттæ, кад сын кæной.

Зæрдæбынæй бузныг зæгъын æппæт ахуыргæнджытæн, фысджытæн, ахуыргæндтæн æмæ журналисттæн – ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ парахат кæныны йæ хайбавæрд чи хæссы, уыдонæй алкæмæн дæр.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырад, фарн, бæркад æмæ ног æнтыстытæ Ирыстоны хæрзæбонæн!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!


Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest